Гуырдзыстоны 8-9 апрелы æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, тыхджын дымгæ, æмæ денджызы 3-4 баллон тыхдымгæ.
Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци Гуырдзыстоны æрдзы националон агентад парахат кæны.
Синоптикты информацийæ, 8-æм апрелы Ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у ныппырхгонд къæвдатæ, 9-æм апрелы та бæстæйы фылдæр хайы, иуæй-иу рæтты уæззау. Гæнæн ис митуард, тыхджын дымгæ, денджызы 3-4 баллон тыхдымгæ, бæрзонд хæххон бынæтты та гæнæн ис æмæ æрцæуа зæйтæ.
«Скæсæн Гуырдзыстоны, се æхсæн сæйраг сахары дæр тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ цæуы. Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис расайой цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт, æмæ уæлхох æмæ хæххон бынæтты æрзæткъахæн-хуыры тыхдымгæйы процессты райдайæн æмæ активаци (тæссагдзинады æмвæзады астæуккаг)», -ис фыст информацийы.