Гуырдзыстоны 360 градусы панорамон къамтæ Google Maps-мæ бафтдзысты
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад æмæ инновациты æмæ технологиты агентады æмгуыстадæй, Гуырдзыстоны официалонæй кусы Google Street View. Уый фæдыл информаци экономикæйы министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, проекты фæлгæтты Google-ы сæрмагонд ист къордтæ фидæн 12 мæйы мидæг, 2025 азы мартæй райдайгæйæ, Гуырдзыстоны 24 горæты 360 градусы панорамон нывтæ исдзысты «Плангонд у ахæссын 15 мин километры, се æхсæн ахæм горæттæ, куыд Тбилисы, Батумы, Кутаисы, Рустави, Ахалгор, Мцхета, Телави, Зугдиди, Гуры, Озургеты, Местиайы æмæ æндæртæ, сæйраджыдæр фæндæгтæ æмæ автомагистральтæм».
Гуырдзыстоны горæтты 360 градусон панорамон нывты публикаци 2026 азы райдайдзæн, кæцы навигаци фæхуыздæр кæндзæн æмæ туризмы размæцыдæн ахъаз кæндзæн, уазджытæн фадат ратдзæн Гуырдзыстоны развæлгъау раиртасын æмæ сæ балц хуыздæр сплан кæнын.
Street View-ы нывтæм хауынц æрмæстдæр æхсæнадон исбон, стæй ма сæрмагонд бынæттæ, цыран ис бар къам сисынæн. Уымæй уæлдай ма, Google дæтты æнцон пайдагæнæн фæрæзтæ, цæмæй адæм æрдомой сæ хæдзары, машинæйы, кæнæ сæхи æмбæрзт æмæ нысан кæной æнæмбæлон/æнæрайсгæ нывтæ æркæсынæн æмæ аиуварс кæнынæн», -ис фыст информацийы.
