Гуырдзыстоны 15 июлмæ уыдзæн хурджын боныгъæд, 15-17 июлы та рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæъвда
Æрдзы нациоанлон агентады информацийæ, 15 июлы онг Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у хъарм æмæ хурджын боныгъæд.
Афтæма сæ информацийæ, 16-17 июлы рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн къæвда. Уæлдæфы температурæ +32, +34 градусмæ схиздзæн.
Æрдзы националон агентады куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, хуырныгуылæн Гуырдзыстоны 16-17 июлы температурæ æртæ-цыппар градусæй фæныллæг уыдзæн.
«Тбилисы 13-14 июлы хурджын боныгъæд уыдзæн, иннæ бонты та боны дыккаг æрдæджы æнхъæлмæкæсинаг у цыбыр къæвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ боны сахатты +32, +34 градус сфиксир уыдзæн» – хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.