Гуырдзыстонмæ спецрейсæй æрластой 40 мин «PCR»тест æмæ антибуæртты 20 мин тесты
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты сыххæст ис Пекинæй специалон рейс, кæцыйæ Гуырдзыстонмæ æрластой 52 тоннæ уаргъ, уый нымæцы 40 мин «PCR»тест, афтæдæр индивидуалон хихъахъхъæнæн фæрæзтæ – комбинезонтæ, æрмхудтæ æмæ æндæр медицинон дзаума.
Афтæдæр ацы рейсæй æрластой антибуæртты 20 мин тесты, кæцы Гуырдзыстонæн Китайы хицауад балæвар кодта. Бадзырдты активон хайад иста Гуырдзыстоны æххæсбарджын минæвар Китайы.
Чартерон рейс сыххæст кодта аивакомпани «Джеоскай».
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Китайæ æрцæугæ тестты хæдтæхæгæй равгæды процессмæ йæ цæст дардта оккупацигонд территоритæй лигхдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæдады министр Экатерине Тъикъарадзе.
Æнæнизхъахъхъæды министр бæстæйы эпидемиологион уавæры æвæрццагæй куы баззайа уый фæдыл рекомендацитæ карзæй хъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинад бахахх кодта.
«Бæстæйы вирусы апарахатмæ гæсгæ фæзындтæ тынг кæнынц тынг æвæрццагæй. Абоны бонмæ тынг дзæбæх фæразæм вирусы хæлиукæнынадæн æмæ уымæ æмбæлгæйæ, уыцы пикъыкæцыйы тыххæй рагафонæй хъусын кодта апрелы кæронмæ, не æрлæууыд, фæлæ нын уый уæддæр нæ дæтты уæнгуагъды бар. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй банхъæлмæ кæсæм алы мадзæлтты лæмбынæг æххæст кæнын, цæмæй фæстæдæр ма æрлæууа уæлæмхас æнхъæлцау пикъ, кæцыйы æвæццæгæнад нæ бон у рагафонæй фæбæрæг кæнын Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци нæм цы программæтæ æмæ инструменттæ æрбадæтта уыдоны фæрцы. Кæд мах ады рекомендацитæ æххæст кæндзыстæм æмæ инфекцийы апарахат контролы бын дарын бахъом уыдзыстæм, уæм нæм уыдзæн фадат цæмæй Гуырдзыстоны пандемийы пикъ ма сфиксир уа. Æндæр цауы, рискъ бæрзонд у» – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.