Гуырдзыстонмæ парламенты галуаны 28 июны æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн
Гуырдзыстонмæ парламенты галуаны 28 июны æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн

 

Парламенты 28 июны  æдасдзинады уæлæмхас  мадзæлтты фæдыл хъусын кæнынц.

Парламенты   фидиуæны куыд дзырдæуы  афтæмæй,  28  июны Гуырдзыстоны парламенты галуаны архайдзæн æдадсзинады  бургъуыз æмвæзад.

«Гуырдзыстоны парламенты  галуаны  æдасдзинад бахъахъхъæды   уаг сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны парламенты сæрдары   2023  азы  04 сентябры  N1/259/23 бардзырдмæ æмбæлгæйæ, цæугæ азы  1 майы   Гуырдзыстоны  парламенты  галуаны архайдзæн  æдасдзинады бургъуыз  æмвæз, –  визитортæн  арæнгонд уыдзæн парламенты галуанмæ бацыд.

Плангонд парламентон мадзæлттыл (уый нымæцы комитеты  рабадтытыл) уагъд уыдзысты æрмæстдæр æмбæлгæй  структурон  иуæгы  хуынд  уæнгтæ.

Арæнæвæрд нæ баххæсдзæн  телеуацхæссджыты/телемедиа фæрæзты аккредитацигонд журналистæм, æнæуæлдай дыууæ къордæй  фæйнæ уацхæссæгæй,  парламентон  мадзæлтты (комитетты  рабадтытыты) фæудмæ.

Фæнысангонд мадзæлтты нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны  кусæн æмæ æдас уавæр  сифтонг кæнын», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  парламенты  фидиуæны.