Гуырдзыстонмæ  парламенты  галуаны абон æдасдзинады бургъуыз æмвæз  архайдзæн
Гуырдзыстонмæ парламенты галуаны абон æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн

Гуырдзыстоны парламенты  æдасдзинады  уæлæмхас   мадзæлтты фæдыл   фидиуæн публикаци кæнынц.

Парламенты  фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй, абон Гуырдзыстоны парламенты  галуаны  архайдзæн  æдасдзинады  бургъуыз  æмвæз.

«Гуырдзыстоны парламенты  галуаны  æдасдзинад бахъахъхъæды   уаг сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны парламенты сæрдары   2023  азы  04 сентябры  N1/259/23 бардзырдмæ æмбæлгæйæ, цæугæ азы  1 майы   Гуырдзыстоны  парламенты  галуаны архайдзæн  æдасдзинады бургъуыз  æмвæз, –  визитортæн  арæнгонд уыдзæн парламенты галуанмæ бацыд.

Плангонд парламентон мадзæлттыл (уый нымæцы комитеты  рабадтытыл) уагъд уыдзысты æрмæстдæр æмбæлгæй  структурон  иуæгы  хуынд  уæнгтæ.

Арæнæвæрд нæ баххæсдзæн  телеуацхæссджыты/телемедиа фæрæзты аккредитацигонд журналистæм, æнæуæлдай дыууцæ кърдæй  фæйнæ уацхæссæгæй,  парламентон  мадзæлтты (комитетты  рабадтытыты) фæудмæ.

Фæнысангонд мадзæлтты нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны  кусæн æмæ æдас уавæр  сифтонг кæнын», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  парламенты  фидиуæны.