Гуырдзыстонмæ официалонæй рахызт Азийы Рæзынады Банкы 2024 азы фембæлды фысым бæстæйы статус
Абон Азийы рæзынады банкы фæткдæтджыты советы бизнес-ассоциацийыл Кореяйы Республикæйæ Гуырдзыстонмæ официалонæй рахызт «ADB»-ы 2024 азы æрвылазон фембæлды фысым бæстæйы статус. Фæнысангонд масштабон мадзал Тбилисы 2024 азы 2-5 майы ацæудзæн.
Афтæма, абонæй Гуырдзыстоны финансты министр Лаша Хуцишвили иу афæдзы дæргъы къухдариуæг кæндзæн Азийы Рæзынады банкы фæтдæтджыты советæн.
Гуырдзыстоны, куыд фидæн азы фембæлды фысым бæстæйы, популяризацийы нысанæн арызт уыд специалон стенд, кæцымæацы бонты дæргъы æндæр æмæ æндæр бæстæйы бирæ делегат фæуазæг ис.
5 майы ацæудзæн официалон æмæ культурон мадзал, кæцыйыл Гуырдзыстон ралæудзæн, куыд Азийы Роæзынады банкы радæй 57-æм æрвылазон фембæлды фысым бæстæ.