Гуырдзыстонмæ фыццаг официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Китайы фæсарæн хъуыддæгты министр
23 майы, Гуырдзыстонмæ фыццаг официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Китайы Адæмон Республикæйы паддзахадон уынаффæгæнæг æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Ван И.
Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, ККитайы фæсарæн хъуыддæгты министр Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фембæлд сараздзæн гуырдзиаг коллегæ Давит Залкалианиимæ.
«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, дыууæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министрадты къухдариуæггæнджытæ, фембæлдыл æркæсдзысты дыууæфарсон æмгуыстады фарстаты уæрæх спектр. Сæ нымæцы, базарадон-экономикон ахастыты æрдæм; афтæдæр, хъусдард здæхт æрцæудзæн æмкуысткæнынад рапарахатыл «Иу Рон – иу Фæндаджы» глобалон инициативæйы фæлгæтты. Фембæлдыл ныхас афтæдæр уыдзæн æмкуысткæнынадыл æхсæнадæмон организациты фæлгæтты.
Официалон визиты фæлгæтты афтæдæр плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ.