Гуырдзыстонмæ «Астразенекайы» вакцинæйы ноджы 150000 дозæ æрбафтдзæн
Гуырдзыстон «Астразенекайы» вакцинæйы ноджы 150 000 дозæ райсдзæн, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе фехъусын кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, информаци зæгъгæ абон ссис бæрæг.
«Астразенекайы» вакцинæйæ иуæй-иу æввонггæнæгæй нымайæм ковакс-платформæ, кæцыйæ хъуамæ райсæм 300 000-ы онг дозæ вацинæ. Уымæй уæлдай ма цæуынц бадзырдтæ комкоммæ вакцинæ-уадзæгимæ, кæцыйæ бæлвырдæй хъуамæ райсæм 150 000 дозæ марты фыццаг æрдæджы. Бадзырдтæ дарддæр кæнынц. Этапгай вакцинæ-уадзджытæй æмæ ковакс-платформæйæ æввонг кæндзыстæм Гуырдзыстон вакцинæйы хъæугæ бæрцæй», – банысан кодта Тъикъарадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырид зæгъгæ рагафон дзырд уыд, цæмæй февралы кæронмæ Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн вакцинæйы фыццаг дозæтæ, кæцыйыл бадзырд къухбафыст у.