Гуырдзыстонмæ  æрцыд Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр Мохамед  Джавад Зарифи
Гуырдзыстонмæ æрцыд Ираны фæсарæн хъуыддæгты министр Мохамед Джавад Зарифи

Ираны Исламон Республикæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр Мохамед  Джавад Зарифи  регионон кусæн визиты фæлгæтты фæуазæг ис Гуырдзыстонмæ.

Тбилисы Шота Руставелийы  номыл паддзахадон аэропорты  размæ рацыды  официалон церемони ацыд.  Ираны Исламон Республикæйы  фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  къухдариуæггæнæгæн аэропорты  Гуырдзыстоны фæсарæн  хъуыддæгты министры  хæдивæг  Александре Хвтисиашвили  рацыд йæ размæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресс-куысты информацийæ,   Гуырдзыстонмæ  кусæн визиты фæлгæтты, ирайнаг дипломат  фембæлдзæн  Гуырдзыстоны президентимæ,  Гуырдзыстоны  премьер-министримæ  æмæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министримæ.Ираны Исламон Республикæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр сæ ном ссардзæн  Гуырдзыстоны  территорион иудзинадæн тохы  мард хъайтартæн  æмæ сæ  мемориалыл дидингуытæ сæвæрдзæн.