Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Дунейы  Патриархийы  делегаци
Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Дунейы Патриархийы делегаци

Гуырдзыстонмæ æрцæуы Дунейы  Патриархийы  делегаци.  Информацийы  уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  сбæлвырд кодта,   Гуырдзыстоны патриархийы  пресс-центры  къухдариуæггæнæг  Фыд Андриа Джагъмаидзе.

Делегаци,  Францы  митрополит   Эмануэлы  разамындæй  Гуырдзыстоны Патриархимæ сом  фембæлдзæн. ДЖагъмаидзейы  дзырдæй,   фембæлдыл  ныхас сырæздзæн  Украинæйы   аргъуаны  автокефалийы  фарстайыл.

«Фæнысангонд фембæлды  инициатиор  уыд Константинополь.Не нхъæлын цæмæй  ацы  визит цæхгæр фæива  нæ позици. Æнæ уый  цас фылдæр  бæлвырд кæнынц  детæлттæ æмæ  фылдæр информаци хæлиу кæны  Украинæйы  аргъуаны  автокефалийы  фарстайыл,  уый  йас  фылдæр аргъуан радзуры  сæрмагонд  хъуыды  дырысæй.   Афтæмæй  цасдæр рæстæг  фæстæ гæнæн ис  иуæй-иу  аргъуанархайæг уæнг кæнæ аргъуан  разæгъой  сæ  позици æмæ йæ стæй  фæивой.  Уый  баст уыдзæн   уыцы  фарстаты   рахъусын кæныныл  кæцытæ  нырма бацахуыры  процессы  сты» – дзуры Джагъмаидзе.

Фарстайыл куыд æнхъæлмæ кæсинаг  у  фæнысангонд визиты  фæстиуæгæн Гуырдзыстоны Патриархийы  синоды æрхонын, Джагъмаидзе дзуры,  цæмæй  ацы  фембæлдæн  уыййас   нысаниуæг ма хъуамæ дæттæм зæгъгæ.