Гуырдзыстонмæ æрцæуы Дунейы Патриархийы делегаци. Информацийы уый фæдыл Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодта, Гуырдзыстоны патриархийы пресс-центры къухдариуæггæнæг Фыд Андриа Джагъмаидзе.
Делегаци, Францы митрополит Эмануэлы разамындæй Гуырдзыстоны Патриархимæ сом фембæлдзæн. ДЖагъмаидзейы дзырдæй, фембæлдыл ныхас сырæздзæн Украинæйы аргъуаны автокефалийы фарстайыл.
«Фæнысангонд фембæлды инициатиор уыд Константинополь.Не нхъæлын цæмæй ацы визит цæхгæр фæива нæ позици. Æнæ уый цас фылдæр бæлвырд кæнынц детæлттæ æмæ фылдæр информаци хæлиу кæны Украинæйы аргъуаны автокефалийы фарстайыл, уый йас фылдæр аргъуан радзуры сæрмагонд хъуыды дырысæй. Афтæмæй цасдæр рæстæг фæстæ гæнæн ис иуæй-иу аргъуанархайæг уæнг кæнæ аргъуан разæгъой сæ позици æмæ йæ стæй фæивой. Уый баст уыдзæн уыцы фарстаты рахъусын кæныныл кæцытæ нырма бацахуыры процессы сты» – дзуры Джагъмаидзе.
Фарстайыл куыд æнхъæлмæ кæсинаг у фæнысангонд визиты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны Патриархийы синоды æрхонын, Джагъмаидзе дзуры, цæмæй ацы фембæлдæн уыййас нысаниуæг ма хъуамæ дæттæм зæгъгæ.