Гуырдзыстонæй экспортиргонд сæны бæрц 6 процентæй, æрмæст йæ аргъ та 16 процентæй райрæзтис
2019 азы январ-майы Гуырдзыстонæй дунейы 39 бæстæмæ, 33,6 млн авг (0,75л) сæн æрцыд экспортиргонд, кæцы 2018 азы ацы периодимæ абаргæйæ, 6 процентæй фылдæр у.
Сæны националон агентады информацийæ, хыгъдон периоды экспортиргонд сæны аргъ 87 млн долларæй фылдæр у, кæцы 2018 азы аналогион бæрæггæнæнæй 16%-æй фылдæр у.
Уагдоны хъусинагæй, экспорт райрæзтис Гуырдзиаг сæны стратегион базартыл: АИШ -126 процент (322 835 авг), Китай – 27 % (2 972 733) æмæ Польшæ – 18 процент(1 540 182). Рæзт сфиксир ис афтæдæр ахæм бæстæты: Франц – 91% (46 254), Израиль – 72 % (131 184), Лиетувæ– 57 % (270 564), Белоруси – 47 % (680 906), Эстони – 33 %ი (287 582), Нидерландтæ – 27 % (42 380), Канада– 26 %(76 860), Монголи – 22 процент (106 452), Германи – 9 процент (274 721), Уæрæсе – 5 процент(21 372 581) æмæ а. д .
Экспортер бæстæты фыццаг фондз ахæм сты: Уæрæсе – 21 372 581 авг, Украина – 3 080 562, Китай – 2 972 733,Польшæ – 1 540 182 æмæ Хъазахстан – 1 223 256.
Бынатравзæрды нæмттæй сеппæтæй стыр бæрцæй экспортиргонд у «Киндзмараули» – 6 047 911 авг (6% рæзт), «Мукузани» – 1 957 553 (20% рæзт), «Цъинандали» – 1 509 961 (10 % рæзт), «Ахашени» – 638 878, «Хванчъкара»– 402 802 (43 % рæзт) æмæ а.д.
Æндæр æмæ æндæр гуырахстæй сæны экспорт сæххæст кодтой 203 компанийы.