Гуырдзыстонæй АИШ-æм сæрмагондæй уæззау  фыдракæнды тыххæй агуырды уæвæг уæнгы  экстрадици сæххæст ис
Гуырдзыстонæй АИШ-æм сæрмагондæй уæззау фыдракæнды тыххæй агуырды уæвæг уæнгы экстрадици сæххæст ис

Гуырдзыстоны генералон  прокуратурæйы  æмæ АИШ-ы паддзахадон департаменты  æхсæн  экстрадицийы   фæдыл бафыст  индивидуалон   бадзырды бындурыл, Гуырдзыстонæй  Иугонд Штаттæм сæххæст ис   сæрмагондæй уæззау  фыдракæнды  тыххæй интерполы  сырх циркулярæй агуырды уæвæг   гоймагы экстрадици.

Прокуратурæйы  хъусинагæй, экстрадицигонд  гоймаг  Америкæйы  Иугонд Штатты  компетентон  органæй  2017-2021 азты, Техасы  штаты, æнахъом  сывæллæтты  ныхмæ сыххæст сексуалон тыхмидзинады æмæ  бинонты уæнгмæ бырсты  тыххæй, афтæма 2020-2021 азты  Луизианайы штаты  уæвæг  организацигонд  фыдгæнæгон  къорды  уæнгдзинады æмæ  æндæр фыдракæндты тыххæй   уыдис агуырды.

«Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы æхсæныбацыды  бындурыл, Тбилисы  горæты тæрхондон  фæнысангонд  гоймагы  ИШ-æм экстрадици бауадзинагыл банымадта.

2023 азы 26 декабры  Гуырдзыстоны юстицийы  министр рахаста кæронбæттæн  уынаффæ   экстрадицийы фæдыл, цæй фæстæ  дæр  агуырды уæвæг  гоймаг  специалон  пенитенцион  куысты  кусджыты æрдгæй  Америкæйы Иугонд Штатты  компетентон   органты  минæвæрттæм уыд лæвæрд.

Гуырдзыстоны прокуратурæ  æвдисы цæттæдзинад, агуырды уæвæг уæнгты  расттæрхонмæ раттыны нысанæн,  фидæны дæр  æнтыстджынæй æмкуыст кæндзæн  партнер бæстæйы компетентон  органтимæ», –  банысангонд у уагдоны информацийы.