Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ Жозеп Бореллимæ æмæ Оливер Вархеймæ иумæйаг фыстæг арвыстой
Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æддæ æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Бореллийæ, Европаг сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фарстæты Еврокомиссар Оливер Вархей æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæм иумæйаг фыстæг баздæхтысты, Скæсæн Партнерады фæлгæтты ассоциацигонд партнертимæ арф æмгуыстады тыххæй. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодтой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадæй.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, æртæ бæстæйы министры сæйраг æрвитæггаг у, уый æмæ Скæсæн Партнерад амбицион партнертæн хъуамæ фегом кæна Евроцæдисимæ фылдæр æрыввахсы , политикон диалогы стынг кæныны, экономикон æмæ секторон интеграцийы ног фадæттæ, сæ нымæцы Евроцæдисы мид базармæ этапгай æмæ æххæст интеграци.
Фыстæджы мидæг фарсытæ банысан кодтой, ома Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина, сæхимæ систой æнæфæцудгæ хæс ассоциацидзинады бадзырдты фæрцы, къух ацаразой Евроцæдисимæ политикон ассоциацидзинады æмæ экономикон интеграцийы процессæн.
Миинистрты фидиуæнæй, фæнысангонд иумæйаг сидты нысан у, ног, стратегион, дæргъвæтин цæстæнгас сæвзæрын кæнын, кæцы ассоциацигонд партнертæн фарсхæцæг æрвитæггаг уыдзæн, баххуыс кæндзæн Скæсæн Партнерад стынг кæнынæн æмæ Евроцæдисы трансформацион ролы фæфидар кæнын регионы.