Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ евроинтеграцийы фарстæтыл «Ассоциацигонд Триойы» кæрæдзиæмбарынады меморандум бафыстой
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба, Молдовæйы Республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Аурелий Чокой, Киевы къух бафыстой Евроцæдисы æртæ ассоциацигонд бæстæйы- Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы фæсарæн хъуыддæгты министрадты æхсæн кæрæдзиæмбарынады меморандум «ассоциацигонд трио» бындурæвæрды фæдыл.
Меморандум бафыссынæй, æртæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты уагдæттæ разы кæнынц иуæймагон координацион æмæ æмгуыстады форматыл – «ассоциацигонд трио» бындурæвæрды фæдыл, кæцыйæн йæ нысан у æртæ бæстæйы Европаг интеграцийы фæарфдæр кæнын.
Меморандумы æртæдæр бæстæйæ нымайынц, цæмæй сæ нысан у Евроцæдисы уæнгæй суæвын, кæцыйы бындур у Евроцæдисы бадзырды 49-æм стати. Сæхи æрдгæй триойы бæстæтæ сæххæст кæндзысты ассоциацидзинады бадзырдæй цы хæсист уыдзæн уыдон, евроинтеграцийы æппæтыкæрон нысанмæ баххæссынæн.
Ассоциацигонд трио æмкуыст кæндзæн евроинтеграцийы иумæйаг интересты фарстæтыл, сæ нымæцы ассоциацидзинады бадзырд сыххæсты æмæ хурыскæсæны партнерады дарддæры райтынг кæныны нысанæн. Æртæдæр бæстæйæ иумæйгаæй кусдзысты Евроцæдисимæ фылдæр æрыввахсы, политикон диалогы стынг кæныны æмæ экономикон æмæ секторон интеграцийы æрдæм.