Гуырдзыстон Стыр Британийы 2020 азы сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадыл банымадтой
Стыр Британийы иуæй-иу сеппæтæй ахадæг туроператорты ассоциаци (ABTA) Гуырдзыстон банымадта, 2020 азы сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадæй.
Гуырдзыыстоныимæ иумæ хыгъдлæвæрды 11 хуыздæр туристон маршрут ис, сæ нымæцы Голланди, Марокко, Хуссар Корея, Мадрид, Венæ æмæ æндæр бæстæтæ æмæ сахартæ, афтæдæр регионтæ.
Гуырдызстоны туризмы национ администраийы информацйæ, Британийы туроператорты ассоциацийы хыгъдлæвæрды æхсæнадæмон эксперттæ уыдысты бавдыст, кæцытæ æнæхъæн азы дæргъы бæстæты æмæ регионты номдзыд бæрæгбæттæ, фендтæгтæ æмæ туристон ардæмадтæ бацахуыр кодтой.
«Гуырдзыстон дисы æфтауæг æхцон ардæмад у. Иугонд Паддзахадæй Тбилисы æрдæм комкоммæ авиа-рейсытæ ис. Гуырдзыстоны сæйраг сахар, ивхæрсæн бирæгъуызондзинадæй хицæн кæны, Тбилисы ис кълубты рæзгæ нымæц. Ам фендзыстут бирæ бар æмæ ресторан, цы ран бæрзонд гъæды гуырдзиаг сæн басгардзыстут.
Гуырдызстоны регионтæ хицæн кæнынц, тынг цъæх æмæ æнæвнæлд æрдзæй. Бæстæйы 70% æмбæрзт у хъæдæй. Гуырдзыстоны «Юнескойы» (UNESCO) дунейы культурон бындарады бынæттæ ис, сæ нымæцы:Дзуар æмæ Светицховели.
Гуырдзыстоны сеппæтæй рахатинаг у хæларон, туристтæм зæрдæхæлар ахаст.
Гуырдзыстон номдзыд у йæ уазæгуарзондзинадæй», – фыст ис хыгъдлæвæрды.
Стыр Британийы туроператорты ассоциаци бындурæвæрд æрцыд 65 азы размæ. Ассоциацийы уæнгтæ сты 4300-æй фылдæр туристон бренды. Афæдзон зилдух та 39 миллиард фунт у. Компанитæ ориентиргонд сты куыд улæфтыл, афтæ бизнес туристон сервистыл.