Гуырдзыстон Стыр Британийы  2020 азы  сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадыл банымадтой
Гуырдзыстон Стыр Британийы 2020 азы сеппæтæй хуыздæр туристон ардæмадыл банымадтой

Стыр Британийы  иуæй-иу  сеппæтæй   ахадæг  туроператорты  ассоциаци (ABTA) Гуырдзыстон  банымадта,  2020 азы  сеппæтæй  хуыздæр туристон ардæмадæй.

Гуырдзыыстоныимæ иумæ  хыгъдлæвæрды  11  хуыздæр  туристон  маршрут ис, сæ нымæцы  Голланди,  Марокко, Хуссар Корея,  Мадрид, Венæ æмæ  æндæр бæстæтæ æмæ сахартæ, афтæдæр регионтæ.

Гуырдызстоны туризмы национ  администраийы информацйæ,  Британийы   туроператорты  ассоциацийы  хыгъдлæвæрды  æхсæнадæмон эксперттæ   уыдысты бавдыст, кæцытæ  æнæхъæн азы  дæргъы  бæстæты æмæ   регионты   номдзыд   бæрæгбæттæ, фендтæгтæ æмæ  туристон   ардæмадтæ  бацахуыр кодтой.

«Гуырдзыстон дисы æфтауæг  æхцон  ардæмад у. Иугонд Паддзахадæй   Тбилисы  æрдæм   комкоммæ   авиа-рейсытæ ис.  Гуырдзыстоны  сæйраг сахар, ивхæрсæн бирæгъуызондзинадæй хицæн кæны,  Тбилисы ис  кълубты  рæзгæ  нымæц.   Ам фендзыстут бирæ  бар æмæ ресторан,  цы ран бæрзонд гъæды  гуырдзиаг сæн  басгардзыстут.

Гуырдызстоны  регионтæ хицæн кæнынц,  тынг цъæх æмæ æнæвнæлд  æрдзæй.   Бæстæйы  70%  æмбæрзт у хъæдæй.  Гуырдзыстоны  «Юнескойы» (UNESCO)  дунейы  культурон  бындарады бынæттæ  ис,  сæ нымæцы:Дзуар  æмæ Светицховели.

Гуырдзыстоны сеппæтæй   рахатинаг  у  хæларон, туристтæм зæрдæхæлар  ахаст.

Гуырдзыстон номдзыд  у  йæ  уазæгуарзондзинадæй», –  фыст ис  хыгъдлæвæрды.

Стыр Британийы   туроператорты  ассоциаци  бындурæвæрд æрцыд  65 азы  размæ.  Ассоциацийы  уæнгтæ  сты 4300-æй  фылдæр  туристон  бренды. Афæдзон  зилдух та  39  миллиард  фунт у. Компанитæ  ориентиргонд сты  куыд  улæфтыл, афтæ  бизнес туристон сервистыл.