Гуырдзыстон ссис  Сæнæй Базарады Дунейы Къорды сæрдар бæстæ, организацийы сæрдариуæг  Гуырдзыстонмæ АИШ-æй рахызт
Гуырдзыстон ссис Сæнæй Базарады Дунейы Къорды сæрдар бæстæ, организацийы сæрдариуæг Гуырдзыстонмæ АИШ-æй рахызт

Брюсселы ацæугæ   сæнæй  базарады Дунейы  къорды   (WWTG)  фембæлдыл, фæнысангонд организацийы сæрдариуæг  Гуырдзыстонмæ, иу афæдзы æмгъуыдмæ  АИШ-æй    рахызт.  Сæнæй базарады  Дунейы  Къорды   сæрдариуæгы æххæстбарты æххæст кæнынмæ Гуырдзыстон  цæугæ азы   фыццаг зæрдæвæрæнæй  æрывналдзæн.

Сæнæй  базарады Дунейы къорд у  сæндуцæг  бæстæты  иугонд æмæ йæ уæнгтæ  Гуырдзыстонимæ иумæ сты АИШ, Аргентинæ, Австрали, Канадæ, Чиле, Ног Зеланди, Хуссар Африкæ  æмæ Уругвай.  Организацийы  сæйраг нысан у  сæнæй  базард фенцондæр кæнын, сæнæй  æхсæнадæмон базардæн къухацарзын информаци фæхай кæныны æмæ базарадон брьретæ сыхалын  иумæйаг   архæйдтытæ сыххæсты фæндагæй.

Сæны националон агентады  информацийæ. Сæнæй базарады Дунеон  къорды   сæрдариуæг   æрвылазонæй  ротацийы принципæй  ивы.  Гуырдзыстон WWTG-ы сæрдар уыд 2014 азы. Фæнысангонд периоды  бафыстæуыд ахæм нысаниуæгджын  документтæ,  кæцытæ  ацы  организацийы уæнг бæстæты æхсæн сæнæй базарады процедурæтæ рогдæр кæнынц.  Сæнæй базарады Дунейы  къорды  æрдгæй Гуырдзыстоны иуафæдзон сæрдариуæгы период  æвæрццаг аргълæвæрд райста.  2014 азы августы Тбилисы  ацæугæ  WWTG-ы пленарон   фембæлдыл  ист документы,  сæны сконды æмæ потенцион  чъиззигæнджыты фæдыл аналитикон  методологийы æмæ регулиргæнæг   тобæты фæдыл, абон дæр   «Тбилисы Куырдиатæй»  хонынц.