Цæугæ азы ноябры, Гуырдзыстон Евросоветы президент бæстæ суыдзæн – уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвили.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз, Гуырдзыстоныл 20 азы сæххæст уыдзæн Евросоветы æххæстаргъджын уæнг кæй у уыцы бонæй.
«Уый махæн тынг ахсджиаг датæ у. Уыйимæ фемдзыд æмæ ацы аз Гуырдзыстон евросоветы президент дæр уыдзæн. Уый тынг стæм цау у, уымæн æмæ евросоветы 48 уæнг бæстæ ис æмæ алкæцы сæ Евросоветæн радгай сæрдариуæг кæнынц. Гуырдзыстоны президентдзинады период, ноябрæй райдайдзæн. Ай ахæм фадат у, цæй бар дæр нæ бæстæйæн дæсгай азты мидæг æрмæст иу хатт цæуы лæвæрд. Æнхъæлмæ та нæм кæсы тынг активон афæдз, уымæн æмæ бæстæйæн ис шанс, ай йас æхсæнадæмон организацийы президентæй уа. Фæнды нæ ацы фадатæй спайда кæнæм бæстæйы интерестæм æмбæлгæйæ» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.
Закъондæттæгы фидиуæнæй, евросоветы президентдзинады периоды зæгъгæ, гуырдзиаг фарс куыст фæтыхджындæр кæндзæн оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты æрдæм.
«Нæ цауы номыр фыццаг проблемæ у оккупацигонд территоритыл нæе æмбæстæгты барты уавæр æмæ территорион æнæхъæндзинад. Нæ приоритет æрмæст негативон темæтæ нæ уыдзысты. Фæнды нæ Европæйæн уыцы æнтыстытæ æмæ реформæтæ ноджы иу хатт базонын кæнæм, кæцытæ бæстæ æрхæццæ ис» – хъусын кæны Чугошвили.
Депутаты хъусинагæй, бæстæмæ æрцæдзысты евросоветы уæнг бæстæты министртæ, сæ хæдивджытæ, парламенты уæнгтæ, афтæдæр евросоветы лидертæ. Афтæма Чугошвилийы информацийæ, зæгъгæ апрелы Гуырдзыстонæн уыдзæн фадат, евросоветы парламентон ассамблейы президентæн сфысым кæнын.
«Ассамблейы президентмæ, пленарон рабадты форматы байхъусдзыстæм куыд сæрмагонд, бæрзонд рангы уазæгмæ»-банысан кодта фыццаг вице-спикер.
Тамар Чугошвилийы информацийæ, 10 апрелы Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, фæуазæг уыдзæн СТрасбургмæ, парламентон ассамлеямæ, цы ран дыууæфарсон, бæрзонд рангы фембæлдтæй дарддæр, дебаттæ дæр сырæздзæн.