Гуырдзыстон коррупцийы контролы æмæ регуляциты гъæдмæ гæсгæйæ, бынат бацахста Европæйы сеппæтæй хуыздæр дыууыны æхсæн
Дунеон Банк публикаци скодта «Дунейы фæткдариуæгы индикаторты» радон иртасæн, кæцыйы дæр Гуырдзыстон коррупцийы контролы æмæ регулир кæныны гъæдмæ гæсгæйæ, Дунейы Банкъы уæнг 189 бæстæйы æхсæн Европæйы сеппæтæй хуыздæр дыууыны æхсæн бынат бацахста æрмæст хицауады эффективондзинадæй та историон максимум сфиксир кодта. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны финансты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, коррупцийы контролæн аргълæвæрды рæстæджы, Дунеон Банкъ æнцой кодта 33 æндæр æмæ æндæр масштабон иртасæныл æмæ дунейы раздзог иртасаг центрты квалифициргонд экспертизæйыл, кæцыты æхсæн банысан кæнын хъæуы, Дунейы экономикон форумы, «Глобалон конкурентхъомады хыгъдлæвæрды» деталон бацахуыры (GCS) фæстиуджытæ. Иртасæн ногæй бакуыст æрцыд «Дунейы фæткдариуæгы индикаторты» методологийæ. Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон коррупцийы кнонтролы æмæ регуляциты хъæдмæ гæсгæйæ Европæйы сеппæтæй хуыздæр дыууыны æхсæн бынат бацахста.
Коррупцийы контрольмæ гæсгæ, хатдзæгон аргълæвæрды 100 процентон шкалайæ Гуырдзыстон 67 процент райста, дунейы 31-æм бынатмæ ахызт, Европæйы сеппæтæй хуыздæр дыууыны та, æхсæрдæсæм позицимæ ысхызт.