Гуырдзыстон-Израилы æхсæн сæрибар базарады нысанæмрастдзинадыл иртасæн ацæудзæн
Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæн сæрибар базарады бадзырды нысанæмрастдзинады фæдыл иртасæн ацæудзæн. Иртасæн райдайыны фæдыл бадзырд абон Израилы экономикæйы æмæ индустрийы министр Эли Коэн Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты æрцыд къухбафыст.
Документыл къухбафыссыны фæ тæ Гуырдзыстоны фыццаг вице-премьер, экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр Димитри Кумсишвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн сæрибар базарады режим, дыууæдæр бæстæйæн уыдзæн пайдаджын.
«Æнæцудгæйæ мæ уырны, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн сæрибар базарады режимы æрфидар кæнын, дыууæ бæстæйæн дæр уыдзæн тынг пайдаджын. Сæрибар базарады бадзырд ратдзæн егъау фадæттæ, ахъаз уыдзæн æмæ рапарахат кæндзæн æндæр æмæ æндæр ардæмадтæ Гуырдызстоны æмæ Израилы, уыйимæ иумæ, нысаниуæгджынæй райрæзын кæндзæн дыууæдæр бæстæйы экспорты» – райхъусын кодта Димитри Кумсишвили.
Уый бузныг загъта Израилы экономикæйы министрæн, дыууæфарсон базарадон æмæ экномикон ахастыты фæдылдзог фæтыхджындæр кæныны æрдæм тыхархайдæн.
Фыццаг вице-премьеры фидиуæнæй, абон Гуырдзыстон химæлвасæгинвестицион æрдзы цæстæнгасæй, иуæй-иу акæнæг бæстæ у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны сæххæст экономикон реформæтæ ныридæгæн æрхаста банкъаринаг фæстиуджытæ, кæцы æхсæнадæмон рейтингы дæр æрцыд æвдыст.