Абон Гуырдзыстон-Израиль, Фыццаг Къаналыл |Илиас Зуросы фæлтæрд бал Спорты галуаны матчы агъоммæ фæлтæрæн ауагъдта [фотохабар]

Абон Тбилисы  спорты галуаны,  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд баскетболы, сфысым кæндзæн Израилы  æмбырдгондæн.

2019  азы дунейы  чемпионаты дыккаг равзарæн  этапы  L къорды, Илиас Зуросы  фæлтæрд бал  цыппæрæм бынат ахсы  æмæ   конкурент Сербийæ ма  иу  баллæй  фæстиат лæууы.

Израилимæ фыццаг матчы, Гуырдзыстоны æндæогъы  уазæгуаты басаста  фондз баллы хъауджыдæрдзинадæй  хыгъдæй  85:80.

Фæстаг матчы та  афтæдæр уазæгуаты  рамбылдта  80:73  Эстонийæн.

Гуырдзыстоны æмæ Израилы  националон æмбырдгæндты  фембæлд, Тбилисы рæстæгæй  19:00  сахатыл райдайдзæн. Матчы  комкоммæ  репортажы  равдисдзæн  Фыццаг Къанал.