Гуырдзыстон бæрæгбон кæны Хæдбарады бон
Гуырдзыстон бæрæгбон кæны Хæдбарады бон

Абон  26 майы Гуырдзыстон бæрæгбон кæны  Хæдбарады бон.

Европаг Советы  уынаффæйæ, 1918  азы 26 майы Гуырдзыстон нымад æрцыд  хæдбар республикæйыл. Республикæйы сæрдарæй  сывзæрстой Ноэ Жорданиайы. 1918  азы  26 майы  ист æрцыд  «Гуырдзыстоны  паддзахадон хæдбарады  акт».

Гуырдзыстоны Демократон Республикæ, кæцыйы хæдбарад  банымадтой Европæйы акæнæг бæстæтæ, йæ уæвын, æнæххæст æртæ азы сæрыл,  Советон Уæрæсейæ  сыххæстгонд оккупацийы  фæстæ аскуыдта.

Гуырдзыстон Хæдбарад ногæй рацаразын бахъом ис  70 азы фæстæ, 1991 азы 9 апрелы.

Гуырдзыстоны хæдбарады бонмæ нывонд мадзал  ацæудзæн Сæрибары фæзыл.  Бæрæгбонон уавæрты  хæцынмæ бацæттæйы  центры 247  рекруты, æфсæддон ард бахæрдзысты æмæ  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  тыхты  æххæстаргъджын уæнгтæ  суыдзысты.

Уыимæ аардхæрды церемонийы фæстæ, дзырдæй ралæудзысты  бæстæйы  фыццаг уæнгтæ.  Мадзалыл уыдзæн  Польшæйы   президент   Анжей дуда.

Сæрибары фæзыл  бавдыст уыдзæн  гуырдзиаг æфсæддон кондады  згъæртехникæ «Дидгори»-ы  æндæр æмæ æндæр   модификацитæ, афтæма  хъахъхъæнынады  тыхтæм уæвæг  згъæртранспортертæ  æмæ сармадзанхотыхтæ. Сæрибары фæзыл  мадзал фæуыдзæн,   хъахъъхæнынады  тыхты  сæрмагонд  ногмодернизацигонд  «Су-25»-ы типы  хæстон  хæдтæхджыты  тахтæй.

Мадзалы фæстæ, Гуырдзыстоны Фыццаг Республикæйы   æфсæдды  сæйрагкамандыгæнæгы, Гуырдзыстоны националон хъайтары, инæлар Гиорги Квинитадзейы  мардыбуар, кæцыйы Францæй  Гуырдзыстонмæ 22-æм  майы  æрластой,  Самебайы  кафедралон  аргъанæй   рахæсдзысты.   Самебайы  кафедралон аргъуаны  план кæны  дзырдæй ралæудтæ дæр.

Гиорги  Квинитадзейы мардыбуар, Мтацъминдайы  фыссыджыты æмæ æхсæнадон архайджыты  пантеоны  æфсæддон  цытгæнгæйæ бавæрдзысты.  Церемонийыл уыдзысты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, парламенты сæрдар  Каха Кучъава æмæ хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе.

Боны кæрон Закариа Палиашвилийы   оперæ æмæ  балеты театры  ацæудзæн Хæдбарады бонмæ нывонд  гала-концерт.

Коронавирусы  ахæлиу маруадзыны ынсанæн, ацы аз Гуырдзыстон, националон бæрæгбоныл  нымдæй  банысан кæндзæн. Уымæ гæсгæ дæр, раззаг азтимæ абаргæйæ,   Сæрибары фæзыл  æмæ Руставелийы  проспектыл  нæ ацæудзæн   адæмон  тезгъо  æмæ æндæр  хуызы равдыстытæ.

Æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны Хæдбарады бонмæ нывонд мадзæлтты  фенын фадат уыдзæн комкоммæ эфиры  фæрцы.