Æмбалон матчы, кæцы «Михеил Месхийы» номыл стадионыл сырæзт, Гуырдзыстоны æмбырдгонд радон хатт фæуæлахиз ис.
Гуырдзиаг футболисттæ Эстонийæн дыууæ къæмы баппæрстой фыццаг таймы.
Фыццаг къæм 6-æм минутыл баппæрста дебютант Джими Табидзе. Голы фæстæ фысымтæ дарддæр кодтой размæбырст. Таймы кæронм 10 минут раздæр, Вакъ Хъазаишвили гуырдзиаг сæрхъызойтæн равдыста футболон шедевр – уый фердæхтæй йæ фæстæ фæуагъдта цалдæр хъахъъхæнæджы æмæ ивары фæзыгы æддæйæ зæрдæмæдзæугæ къæм баппæрста.
Матчы дыккаг æрдæг дæр гуырдзиæгты уæлидзинадæй цыдис. 65-æм минутыл дуаргæсимæ ныхæй-ныхмæ баззайгæ Къачъарава йæ сæрмагонд шансæй не спайда кодта. Гол баппарыны шанс фысымтæн матчы кæрон дæр уыдис, фæлæ ивары фæзыгы уæвæг Квилитаиайæн порти скъуырын нал бантыст.
Владимер Вайсы æмбырдгонд, дыууæ æмбалон матчы, 6 къæмы баппæрста æмæ дзы йæхæдæг иу дæр нæ ауагъдта.