Гуырдзыстон 13-æм декабры 2025-æм азы Юниор Евроуынынадæн фысым кæндзæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æмæ Европæйы Уацхæссæгы Цæдис официалонæй хъусын кæнынц, цæмæй 2025-æм азы Юниор Евроуынынады конкурс Тбилисы 13-æм декабры сырæздзæн.
Гуырдзыстон Юниор Евроуынынады зарæджы конкурсы дыккаг хатт фысым кæны. Ерыстæ фыццаг хатт уагъд æрцыдысты Тбилисы 2017-æм азы, Гуырдзыстон Юниор Евроуынынады историйы алкæмæй æнтыстджындæр хайадисæг бæстæ у, кæцы цыппар хатт рамбылдта конкурсы.
Официалон хъусынгæнинаг 2025-æм азы Юниор Евроуынынады фæдыл, Гуырдзыстоны культурæйы боныл, кæцы уагъд æрцыд Гуырдзыстоны минæварады Швейцарийы, кæцыйы хайад райстой Гуырдзыстоны минæвар Швейцарийы Гецадзе Шота æмæ Европæйы эфирон цæдисы генералон директоры хæдивæг æмæ медиа-директор Джелонг Телонг хуынд уазджытæ.
2025 азы Юниор Евроуынынады зарæджы конкурсы хайад райсдзысты 9 азæй 14 азы онг кары æххæстгæнджытæ æппæт Европæйæ æмæ æндæр рæттæй. Алчидæр сæ равдисдзæн йæхи зарæг, кæцы нысан кæны фæсивæд, музыкæ æмæ алыхуызондзинад. Хæстæгдæр рæстæг фехъусын кæндзысты ерысы бынат, лозунг æмæ хайадисджыты сконды тыххæй официалон информаци.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстон 2024-æм азы цыппæрæм уæлахиздзинад райста Испанийы сæйраг сахар Мадриды уагъдцæуæг ерысты, уæд 11 аздзыд Андриа Путкарадзе ерысты историйы алкæмæй бæрзонддæр, рекордон 239 баллы бакуыста. Ацы уæлахизæй, Гуырдзыстон дыккаг хатт рамбылдта æхсæнадæмон ерыстæ фысым кæныны бар.