Гуырдзиаг зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæн Турчы æмгуыстады æмæ координацийы агентад зынгфæразон формæтæ адæтта
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куыстæн, Турчы минæварады æмæ турчы æмгуыстады æмæ координацийы агентады æххуысæй, зынгфæразон зынгвæдисон-ирвæзынгæнæн формæтæ адæтта. Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад.
«Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уапвæрты куысты æмæ Турчы Республикæйы мидхъуыддæгты министрады катастрофæты уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты(AFAD) æхсæн 2018 азы бафыстæуыд æмгуыстады фæдыл меморандум, кæцыйæн йæ нысан у катастрофæты рискы сферæйы æмгуыстадæн къухацаразын. Уый фæстæ дыууæ бæстæйы зынгвæдисон-ирвæзынгæнæн куыстытæ активон æмкуыст кæнынц, куыд уæлвæтк уавæрты рæстæджы, афтæ гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты бацæттæйы æрдгæй. Фæнысангонд æмгуыстады фæлгæтты, Гуырдзыстоны æмæ Турчы æнæиу ахуыр æмæ гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты бацæттæ программæ сыххæст ис» – банысангонды у МХМ-ы информацийы.