Гуырдзиаг экспортертæм лæвæрд цæуы фадат, Китайы сахар Шанхайы, импорты равдысты райсой хайад
Гуырдзиаг экспортертæм лæвæрд цæуы фадат, цæугæ азы 5-æй 10 ноябры банымадæй, Китайы сахар Шанхайы, импорты равдысты райсой хайад – уый фæдыл фыццаг вице-премьер, экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр Димитри Кумсишвили, Китайы Адæмон Республикæйы минæваримæ, Цзи Янчиимæ фембæлды фæстæ загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон, равдыстмæ нысаниуæгджын уазæгы статусæй у хуынд.
«Уыдæн нын фадат, равдыстыл гуырдзиаг экспортертæ акæнын, кæцытæ Китайы интересджын уæнгтæн, сæрмагонд продукцийы æмæ лæггады фæдыл радзурыдзысты» 0 загъта Димитри Кумсишвили.
Фыццаг вице-премьеры фидиуæнæй, Шанхайы равдлыст иттæг хорз фадат у гуырдзиаг экспортертæн, цæмæй фидæнмæ баххæст кæной контракттæ æмæ ауæй кæной сæрмагонд продукци кæнæ лæггад, уый нымæцы дзырдæуы туризмы фæдыл дæр.
Димитри Кумсишвилийы аргълæвæрдæй, 2017 азы Китайæ туризм 54% райрæзтис. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ фæнысангонд бæрæггæнæнтæ дæттынц уый прогнозы бындур, цæмæй ацы æрдæм потенциал стыр у.
Бакой уын кæндзыстæм цæмæй 2018 азæй, Гуырдзыстон æмæ Китайы Адæмон Республикæйы æхсæн сæрибар базарады бадзырд скуыста.
Димитри Кумсишвилийы ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд бадзырд фæфылдæр кæндзæн нæ экспорты фадæттæ Китайы базармæ.