Гуырдзиаг экспертты къорд, Йенс Столтенбергмæ, НАТО-йы  уæнг паддзахадты лидертæм æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртæм гом  фыстæгæй  баздæхт
Гуырдзиаг экспертты къорд, Йенс Столтенбергмæ, НАТО-йы уæнг паддзахадты лидертæм æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртæм гом фыстæгæй баздæхт

Æмбæстагон  æмæ  академикон  зылдты  минæвæрттæ НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс Столтенбергмæ æмæ альянсы  уæнг бæстæты  лидертæм   фыстæг  æрвитынц.

Фыстæджы банысангонд у,  цæмæй æнæмæнгхъæугæ  у  Гуырдзыстонæн æдасдзинады  ног гарантитæ раттын, йæ  иргъæфхъомад  стынг кæнынæн  æмæ  2008 азы  НАТО-йы  Бухаресты саммиты политикон  ныфсæвæрд сыххæст кæныны фæдыл уынаффæ рахæссын.

«Бæрæг у, цæмæй  Украинайы цæугæ агрессийы фоныл, Уæрæсейы  дарддæры нысан  гæнæн ис  бауа Гуырдзыстон, кæцы тырны  альянсы  уæнгсуæвынмæ.  Раздæр куыд никуы афтæ  нысаниуæгджын у  абон   æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй фарсхæцын  æмæ  архайадон къахдзæфтæ, цæмæй  иу æрдгæй,   кæрон скæнæт хæст Украинайы, иннæрдгæй та,  рахæссой  фидар  уынаффæтæ  Уæрæсейы  уромæг  инструментты  тыххæй,  цæмæй  фидæны Кремлæн мауал уа  фадат  агрессивон архæйдтытæ  кæнын  суверенон паддзахадты, сæ нымæцы Гуырдзыстоны ныхмæ.

Уæвæг  реалондзинад ноджы актуалондæр скодта Сау Денджызы регионы æдасдзинад стынг кæныны  фарста.  Ацы контексты Гуырдзыстонæн, куыд  Сау Денджыз балгæрон паддзахадæн, йæ  у  нысаниуæгджын хайбавæрд скæнын  куыд æдасдзинады, афтæ   экономикон   цæстæнгасæй. Хъуыды кæнæм цæмæй,  ивд геополитикон  реалондзинадмæ гæсгæйæ,  2022 азы  НАТО-ы  Мадриды саммит  хъуамæ  суа  скуыддзаггæнæг   политикон  уынафæтæ рахæссыны форматæй.   Уый критикон æнæмæнгхъæугæ у  Уæрæсейы  агресси  фæуромынæн  æмæ  куыд евроатлантикон, афтæ глобалон  æдасдзинад  бахъахъъхæнынæн.  Нæ  хъуыдымæ гæсгæ,  уæвæг  уавæры  анализы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгдзинад у йæ æдасдзинад бахъахъхъæды реалон гаранти, кæцыйæн альтернативæ нæй.  Уæлдайдæр уыцы фоныл, ома   Гуырдзыстонмæ,  альянсы уæнгсуæвынæн    алы æнæмæнгхъæугæ  практикон инструмент куы  ис æмæ  йæ бон у сæрмагонд хайбавæрд скæнын  Сау денджызы  регионы  æдасдзинад  сфидар кæныны.  Сау денджызы   регионы стабилондзинадæй  цух та нæй гæнæн æнæхъæн Европæйы æдасдзинад сфитонг кæнын йæ бахъахъхъæнын фидæны», – дзырдæуы  гом фыстæджы

Фыстæгыл къух æвæрынц, аналитикон   центр «Джеокейсы»  сæрдар Виктор Хъипиани,   организацийы  æндæр уæнгтæ, æмбæстагон æмæ академион   зылдты  минæвæрттæ.