Гуырдзиаг фильм «Æртæ Къæпхæн» фæуæлахиз ис дыууæ немыцаг кинофестивалыл

Режиссер Иосеб  Блиадзейы  цыбырметражон фильм  «Æртæ къæпхæн»   дыууæ немыцаг  фестивалы уæлахизгонд у.

Берлины  уагъд   «InterFilm – 33rd International Short Film Festival»-ыл фильмы  жюрийы  æвзæрст æссис æмæ специалон нысан дæр райста.  Параллелонæй,  «Exground International Short Film Festival»-ыл   кæцы Висбадены  ацыд, фильм райста   сегасæй  хуыздæр цыбырметражон  фильмы  хорзæх.

Фильмы премьерæ 2017 азы  январы   «International Film Festival Rotterdam»-ыл сырæзт.

Гуырдзиаг  кæсджытæ  та  цыбырметражон  фильмы фендзысты   цалдæр бонмæ, Тбилисы  æхсæнадæмон  кинофестивалыл, секцийы  «Гуырдзиаг Панорама»-йы.