Гуырдзиаг  фарс, ИНО-йы æдасдзинады советы  фæныхас кæндзæн  оккупацигонд   регионты æмæ Арчил Татунашвилийы  марындзинады  факты фæдыл
Гуырдзиаг фарс, ИНО-йы æдасдзинады советы фæныхас кæндзæн оккупацигонд регионты æмæ Арчил Татунашвилийы марындзинады факты фæдыл

2018  азы  28 марты  Нь-Йоркъы, ИНО-йы  æдасдзинады  советы  нырыккон  сæрдар бæстæйы,  Нидерландты инициативæйæ,   сырæзлдзæн   гом  дебаттæ  темæйыл :  «коллективон  архайд  ИНО-йы  сабырадон операциты  фæхуыздæр кæнынæн –  æндæвдады  æмæ  эффективондзинады  æнцой  абоны уæззау  æмæ   бæрзонд рискъы хæссæг  уавæры».

Дебатты нысан у   ИНО-йы   сабырадон   операциты эффективондзинады  сбæрзонддæр кæныны æмæ  ацы æрдгæй,   процессы  алы  хайадисæгы  (мисситы  фысым бæстæтæ,  регионалон организацитæ, æдадсзинады  совет,  уæнг бæстæтæ,   уый нымæцы  бæстæтæ, кæцыты æфсæддон  æмæ   полицион  иугæндтæ  хайад исынц  ИНО-йы  сабырадон операциты æмæ ИНО-йы  нымæрдарад)  бастдзинады  фæхуыздæр кæныны  фæндæгты æркæсын.

 

Гом дебатты  хайад райсдзысты  ИНО-йы  Гуырдзыстоны иудадзыг минæварад.  Гуырдзиаг фарс  йæ ралæууды  хъусдард раздахдзæн   глобалон æдасдзинады   фæхуыздæры  æмæ сабырады  химæ руадзынæн, ИНО-0йы   сабырадон  операциты  нысаниуæгы  æмæ абоны боны  сидтытæн бахъом уыны  нысанæй,  системæйы  сæххæст кæнинаг  ивдтытыл.  Сæ нымæцы  хъусдард сцырын уыдзæн  сабырадон   операцитæн  рухсдзыдæй бæрæг  реалистон æмæ   контекстмæ æмбæлон  мандатты  нысаниуæгыл.

Ацы æрдгæй  Гуырдзыстон   фæныхас кæндзæн  фæлтæрддзинады фæдыл,  кæцы рæстæджы 2009  азы Гуырдзыстоны ИНО-йы  æстдарæг миссийæн (UNOMIG) урæд æрцыд  мандат, ИНО-йы  æдасдзинады  советы  иугæндзон  уæнг – Уæрæсейы-  ветойы  тыххæй,   кæцы Ино-йы  историйы  иттæг æтссаг  прецедент сæвзæрын кодта.

Фидиуæны мидæг хъусдард  афтæдæр  раздахдзысты  оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг  уавæры æрдæм, уый нымæцы  Арчил Татунашвилийы  марындзинады факты æрдæм.

Фæнысангонд  уавæры  зæрдыл даргæйæ,   гуырдзиаг  фарс, фæныхас кæндзæн  оккупацигонд регионты  æдадзсинады  æхсæнадæмон   механизмты  саразыны  æнæмæнгхъæуындзинадыл.

 

Информацийы публикаци кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.