«Гуырдзиаг Бренды бон 2021»-ы хорзæхджын кæныны церемонийы афæдзы æнтыстджын телепроектыл нымад æрцыд «Мастершефф»

Фысымуат  «Шератон Гранд Метехи Паласы»  ацыд «Гуырдзиаг Бренды бон 2021»-ы хорзæхджын кæныны  церемони. Изæрыл  уæлахизгонд компаниты авд номинацийæ  равзæрстой.

Афæдзы  æнтыстджын телепроекты номинацийæ схуыдтой  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  мега-шоу, «Мастершефф».

«Мастершефф у  Фыццаг Каналы  æцæгдæр æвзæрст  проект, кæцыйы фыццаг бонæй  æмæ фыццаг сезонæй  тынг абуарзтой  кæсджытæ. Тынг æхсызгон у йæ ноджы иу æнтыст.  Фæлæ  махæн сегасдæр нысаниуæгджын у уый, цæмæй  ацы  проекты банымадтой  адæм, дæсгай æмæ сæдæгай мин  нæ  кæсджытæ  йæм иу æнхъæлмæ кæсынц  сезонæй-сезонмæ.  Ацы хорзæх, ацы  банымад, фыццаджы дæр   хауынц Фыццаг Каналмæ  æмæ   «Нова Продакшены» уыцы  стыр  балмæ, уыцы  профессионалтæй  комплектгонд балмæ, кæцытæ  сарызтой  ацы  проект.  Тагъд Райдайдзæн ног  сезон æмæ   уырнæг стæм, цæмæй  ноджы иу  хатт æмæ бирæ хатты  бирæ  æнтыстытæ  æмæ адæмы уарзт нын уыдзæн» –  райхъусын кодта Æхсæнадон Уацхæссæджы  медиа директор Русудан Манджгаладзе.

«Адæмы уарзондзинад  тынг дзæбæх у. Æцæг у  уый нæ  фансекторæй  бирæ  хæттыты рахатыдыстæм, фæлæ   уæддæр æхсызгон у,   цаæрдæр типы  хорзæх  иу вæййы  ай æппæты  фæстæ.  Афтæдæр æхсызгон у, цæмæй æндæр профессионалты æмæ  коллегæты æхсæн,   проекты  æнтыст банымайынц.  Тынграйгонд дæн ай æппæтæй  æмæ  мын тынг æхсызгон у.  Цыфæнды  хорзæ дæр æхсызгон  вæййы» –  райхъусын кодта  «Мастершефы» иуæй-иу акæнæг  Лука Начъхъебиа.

«Гуырдзиаг Бреды бон» нырид 19 аз у гуырдзиаг  базарыл  цæугæ процесстæ æвдсиы æмæ   националон  брендты сæ рæзынады  алы  этапыл равдисы.