«Гуырдзиаг Бренды бон 2021»-ы хорзæхджын кæныны церемонийы афæдзы æнтыстджын телепроектыл нымад æрцыд «Мастершефф»
Фысымуат «Шератон Гранд Метехи Паласы» ацыд «Гуырдзиаг Бренды бон 2021»-ы хорзæхджын кæныны церемони. Изæрыл уæлахизгонд компаниты авд номинацийæ равзæрстой.
Афæдзы æнтыстджын телепроекты номинацийæ схуыдтой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы мега-шоу, «Мастершефф».
«Мастершефф у Фыццаг Каналы æцæгдæр æвзæрст проект, кæцыйы фыццаг бонæй æмæ фыццаг сезонæй тынг абуарзтой кæсджытæ. Тынг æхсызгон у йæ ноджы иу æнтыст. Фæлæ махæн сегасдæр нысаниуæгджын у уый, цæмæй ацы проекты банымадтой адæм, дæсгай æмæ сæдæгай мин нæ кæсджытæ йæм иу æнхъæлмæ кæсынц сезонæй-сезонмæ. Ацы хорзæх, ацы банымад, фыццаджы дæр хауынц Фыццаг Каналмæ æмæ «Нова Продакшены» уыцы стыр балмæ, уыцы профессионалтæй комплектгонд балмæ, кæцытæ сарызтой ацы проект. Тагъд Райдайдзæн ног сезон æмæ уырнæг стæм, цæмæй ноджы иу хатт æмæ бирæ хатты бирæ æнтыстытæ æмæ адæмы уарзт нын уыдзæн» – райхъусын кодта Æхсæнадон Уацхæссæджы медиа директор Русудан Манджгаладзе.
«Адæмы уарзондзинад тынг дзæбæх у. Æцæг у уый нæ фансекторæй бирæ хæттыты рахатыдыстæм, фæлæ уæддæр æхсызгон у, цаæрдæр типы хорзæх иу вæййы ай æппæты фæстæ. Афтæдæр æхсызгон у, цæмæй æндæр профессионалты æмæ коллегæты æхсæн, проекты æнтыст банымайынц. Тынграйгонд дæн ай æппæтæй æмæ мын тынг æхсызгон у. Цыфæнды хорзæ дæр æхсызгон вæййы» – райхъусын кодта «Мастершефы» иуæй-иу акæнæг Лука Начъхъебиа.
«Гуырдзиаг Бреды бон» нырид 19 аз у гуырдзиаг базарыл цæугæ процесстæ æвдсиы æмæ националон брендты сæ рæзынады алы этапыл равдисы.