«Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертæ дарддæр кæнынц регионты æвзæрстыты агъоммæ фембæлдтæ уадзын
«Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертæ дарддæр кæнынц регионты фембæлдтæ уадзын. Зугдиды партийы активимæ фембæлдысты премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, партийы сæрдар Ираклий Кобахидзе, генералон нымæрдар Кахи Каладзе, æххæстгæнæг нымæрдар Мамука Мдинарадзе æмæ регионон нымæрдар Димитри Самхарадзе.
Фембæлды фыццаг хайы фæстæ Ираклий Кобахидзе райхъусын кодта,ц æмæй фембæлдыл ныхас уыд куыд цæугæ политикон темæтыл, афтæ бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытыл.
«Дарддæр кæнæм фембæлдтæ регионты. Абон æмбæлæм партийы уæнгтимæ Самегрелон-Уæллаг Сванеты регионы. Ныхас кæнæм цæй зæгъын æй хъæуы цæугæ политикон процесстыл – афтæдæр сæрмгаонд хъусдард здахæм æвзарæрстытæм цæттæдзинадмæ. Цалдæр мæймæ ацæудзысты бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ æмæ нын ахсджиаг у, цæмæй нæ бал , уый нымæцы Самегрело-Уæллаг Сванеты регионы, уа æххæстæй мобилизацигонд, цæмæй æмбæлгæ фæстиуæг раййсæм ацы æвзæрстытыл» – фехуъсын кодта Кобахидзе.