«Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ оппозицийы лидертæ, фембæлдыл сты АИШ-ы минæвары резиденцийы
«Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ оппозицион партиты лидертæ Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæрттимæ фембæлдысты.
Фембæлд цæуы Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæвары резиденцийы. Уæвæг информацийæ, фембæлды хайад исынц Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттæ дæр.
Фембæлдмæ бацыды размæ оппозицион партиты лидертæ цыбыр комментари раттой.
«Патриотты Апльянсы» лидер Ирма Инашвили, банысан кодта, цæмæй зæгъгæ ахсджиаг у, алы æхсæнадæмон партнер базона, Гуырдзыстоны æвзæрстытæ тоталонæй фальсифиргонд кæй æрцыдысты уый.
«Махæн кæддæриддæр ис фембæлдтæ нæ æхсæнадæмон партнертимæ, дæттæм сын информаци æвзарæнон халындзинæдты фæдыл. Диалогыл нæй зæгъгæ никуы загътам, фæлæ ацы диалогæн хъуамæ уа фæстиуæг», – райхуъсын кодта Ирма Инашвили.
«Лейбористон партийы» лидер Шалва Нателашвили та банысан кодта, цæмæй диалогы гæнæн ис æрмæстдæр ног æвзæрстытыл.
«Æвзæрстытæ хъуамæ ацæуа ногæй, ацы парламент нымад ма хъуамæ æрцæуа, ай æппæт у фальсифициргонд æвзæрстыты объективон фæстиуæг», – райхусын кодта Шалва Нателашвили.