«Гуырдзиаг Бæллицц» - Шарль Мишелы эгидæйæ бавдыст документыл къухбафыст сфиксир кодтам, ныр оппозицийы рад у, курæг сæ стæм ныр сеппæтæй бæрзонддæр аргъ скæнæт бæстæйы интерестæн æмæ къух бафыссæт фæнысангонд документыл
Не рдгæй Евроцæдисы æмæ президент Шарль Мишелы эгидæйæ бавдыст документыл, къухфыст ныридæгæн æвæрд у, ныр оппозицийы рад у – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«Гуырдзиаг Бæллицц» сиды оппозицимæ, сеппæтæй бæрзонддæр аргъ скæнæт бæстæйы интерестæн æмæ къух бафыссæт фæнысангонд документыл.
«Æхсæнадæн бакой кæндзыстæм, цмææй оппозицийы хай куы не сразы ис 2020 азы 31 октябры æвзæрстытыл Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй уыдонæн лæвæрд манадты сыххæстыл, Европаг Советы президент Шарльь Мишель равдыста цæттæдзитнад, баиу уыдаит фарсыты æхсæн медиацийы процессмæ. Президент Мишель рарвыста йæ минæвары Кристиан Даниелсоны, кæцы Евроцæдисы эгидæйæ аргъ скодта фарсыты позицитæн æмæ Евроцæдисы минæвæртты активон хайадæй, бакуыстой документ, кæцы бæрæг кодта фарсыты æхсæн рæстаг фидыды домæнтæ.
«Гуырдзиаг Бæллицц» бæстæйæ раз сæрмагонд бæрн æмбаргæйæ, къух бафыста ацы документыл æмæ уымæй уæлдай ма равдыста цæттæдзинад хæдуынаффæйы æвзæрстытыл æууæнкы 40% принципæй спайда кæныны фæдыл. «Гуырдзиаг Бæллиц», бадзырдмæ бирæ нысаниуæгджын компромиссджын къахдзæф сарызта.
Не рдгæй Евроцæдисы æмæ президент Шарль Мишелы эгидæйæ бавдыст документыл, къухфыст ныридæгæн æвæрд у, ныр оппозицийы рад у. Курæг стæм оппозицимæ, сеппæтæй бæрзонддæр аргъ скæнæт бæстæйы интерестæн æмæ къух бафыссæт фæнысангонд документыл.
Ноджы иу хатт бакой кæндзыстæм нæ оппозицийæн, цæмæй абон нæ бæстæ серьозон быцæусидты раз лæууы. Гуырдзыстон тох кæны пандемийы ныхмæ æмæ пандемийæ расайæг экономикон æмæ социалон проблемæтимæ. Регионы арызт у вазыгджын геополитикон уавæр. Ахæм рæстæджы нымайæм, цæмæй æппæт бæстæ хъуамæ уа æмуд иумæйаг æртхъирæны ныхмæ, æмæ политиктæ бæстæйы æмæ æхсæнады раз цы проблемæтæ ис уыдоны аскуыддзагыл хъуамæ кусой» – дзырдæуы фидиуæны.