Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ кæд оппозицийы минæварад конкретон партион интерестæм гæсгæйæ, фæлæ паддзахадонæй хъуыды кæндзысты, уæд парламентмæ бахиздзысты.
Мдинарадзейы хъуыдымæ гæсгæ, зæгъгæ адæм, кæмæ дæр ис претензи бæстæйæн хицаудзинадыл, уыдон кæронбæттæн уынаффæтæ хъуамæ исой бæстæйы интерестæм æмбæлгæйæ.
«Кæд дзы исчи искæцы конкретон партион интерестæй нæ, фæлæ рационалон æмæ паддзахадонæй хъуыды кæны, уæд бамбардзæн, цæмæй дыууæ партийы а.х. «Европаг Гуырдзыстоны» æмæ «Нацзмæлды» булингы, месиджбоксы, æмæ сæ æвæрд сценæты дæлбар ма хъуамæ бацæуа.
Ахæм цауы алчи дæр æрбахиздзæн парламентмæ. Диссаг у уый æмæ адæймæгтæ, кæцытæм ис бæстæйæн хицаудзинадыл претензи, куыд ис гæнæн, ацы адæймæгтæ сæкоммæгæс уой æмæ тæрсой «Европаг Гуырдзыстонæй» кæнæ «Нацзмæлды» булингæй. Уый гæнæн нæй. Фæстагмæ æнхъæлын, цæмæй ацы кæлæнтæгонд зиллак аскуийдзæнис, æмæ паддзахадон интерестæм æмбæлгæйæ парламентмæ æрбахиздзысты», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.
Оппозици 2020 азы октябры æвзæрстыты фæстиуджытæ хоны фальсифициргондæй æмæ парламентмæ бахизыныл нæ разы кæны. Гуырдзыстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты инициативæйæ уагъд фембæлдтæ хицауад æмæ оппозицийы æхсæн нырма æнæфæстиуæг сты.