«Гуырдзиаг Бæллицц» хайад райсдзæн Европаг Социл-Демократты Партийы æхсæнадæмон конгрессы
«Гуырдзиаг Бæллицц» Европаг Социал-Демократты партийы (PES) æхсæнадæмон конгрессы райсдзæн хайад. Информаци уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» пресс-куыст хъусын кæны.
«14-15 октябры Берлин сфысым кæндзæн Европаг Социал-Демократты Партийы æхсæнадæмон конгрессæн. Конгресс PES-ы 30 азы юбилеймæ нывонд уыдзæн æм уый хайад райсдзæн Европæйы бæстæты лидертæ æмæ партиты къухдариуæггæнæг уæнгтæ, сæ нымæцы: Германийы Канцлер Олаф Шольц, Финляндийы премьер-министр Сана Марин, Испанийы премьер-министр Педро Санчес, Швецийы премьер-министр Стефан Левен, Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар æддагон æмæ æдасдзинады фарстаты Жозеп Борел, PES-ы президент Сергей Станишев æмæ æнд.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» делегацийæн къухдариуæг кæндзæн партийы сæрдар Иракълэ Къобахидзе.
Конгрессы девиз у, «Æндиудæй Европæйы тыххæй» кæцыйы рæстæджы PES-ы лидертæ европаг Социал-Демократты Партийы 30 азы фæлтæрддзинад схатдзæг кæндзысты. Хайадисджытæ, афтæдæр фæуынаффæ кæндзысты, æхсæнадæмон æдасдзинады, ковид-кризисы, климаты ивды, социалон æртхъирæнты, энерго ресурстыл æргъты æмæ инфляцийы рæзты фарстатыл» – дзырдæуы публикацигонд информацийы.