«Гуырдзиаг Бæллицц» - цæттæдзинад фиксир кæнæм ранæуæггонд документ æркæсынмæ дæр – ног документыл къухбафыссыны фæстæ, не рдгæй домæнты коррекцитæ нал уыдзæнис
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» фидиуæнæй, сæ къух бафыстой Евроцæдисы эгидæйæ бавдыст фыццаг документыл æмæ цæттæдзинад æвдисынц, ног документы æркæсынмæ дæр.
Фæлæ партийы æмбарын кæнынц, цæмæй уый æппæтмæ гæсгæйæ, ранæуæггонд документы бафыссыны фæстæ, уыдон домæнт нал барæстытæ кæндзысты.
«Уымæ гæсгæйæ, ома нæ къух бафыстам Евроцæдисы эгидæйæ бавдыст фыццаг документ дæр æмæ цæттæдзинад фиксир кæнæм ранæуæггонд документ æркæсынæн дæр – ног документыл къхæвæрды фæстæ, не рдгæй домæнты коррекцитæ нал уыдзæнис æмæ разы не стæм цыфæнды миниуджыты бафтауынимæ. Не рдгæй домæнты фæдыл бадзыр уымæй кæронмæ бацыд æмæ курæг стæм оппозицийæ бæрнон къахдзæфтæ саразæт» – дзырдæуы фидиуæны.
Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон партитæн ног документ знон бавдыста. Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы бавдыст ног документмæ гæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ, кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты 43 проценттæй къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.
Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ, бадзырд бафыссынæй иу къуыримæ, фарсытæ политизиргонд нымад дыууæ хъуыддаг хъуамæ ногæй æркæсой.