«Гуырдзиаг Бæллицц»  цæттæдзинад æвдисы, райдайæт  уынаффæ æууæнкы  40 процентон бæрæггæнæн  куыд райрæзын кæна уый фæдыл
«Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæдзинад æвдисы, райдайæт уынаффæ æууæнкы 40 процентон бæрæггæнæн куыд райрæзын кæна уый фæдыл

Лæмбынæг  нæ хъус дарæм   нæ  партнертæ нын цы амонынц, æнхъарæнмæ цæмæй  бадзырдмæ æрцæуæм æнæ  цæттæ стæм   балимæ иумæ   райдайæм  кæсын æууæнкы 40% бæрæггæнæн фæфылдæр кæныныл, –  уый  фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«Бадзырдты фыццаг фазæ   президент  Мишелы  специалон  минæвары, медиацийæ  æнæфæстиуæгæй  куы фæцис, «Гуырдзиаг Бæллицц»  сарызта бæрнон  къахдзæф  æмæ æргомæй  йæ къух  бафыста  Евроцæдисы эгидæйæ  арызт документыл, кæцы  хицаугæнæг  парти æмæ оппозицийы  бадзырды  домæнтæ бæрæг кодта. Оппозици  Евроцæдисы бавдыст докуменот нæ бафыста.

Уымæ гæсгæйæ ома  абон  нæ бæстæ  пандемийæ æмæ  регионы уæвæг   геополитикон   уавæрæй  расайгæ  серьозон   æртхъирæны раз лæууы,  æмбарæм  нæ бæрн  æмбæстæгты, нæ бæстæйы æмæ  æхсæнадæмон дзыллæйы раз.

«Гуырдзиаг Бæллицц»  у  скуыддзаг исæг  тых,  кæцыйæн рæстагæй  ис  демократон æвзæрстыты   фæстиуæгæн  райст  сеппæтæй бæрзонд  æууæнк.  Растдæр  уый тыххæй  лæмбынæг нæ хъус дарæм   нæ  партнертæ нын цы амонынц, æнхъарæнмæ цæмæй  бадзырдмæ æрцæуæм æнæ  цæттæ стæм   балимæ иумæ   райдайæм  кæсын æууæнкы 40% бæрæггæнæн фæфылдæр кæныныл, кæцы коснтитуцийæ æмæ æвзарæнон  закондæттынадмæ гæсгæйæ уыцы  оппозициимæ разыйæ у бæрæг 2020  азы  8 марты  бадзырдмæ гæсгæйæ», –  дзырдæуы  фидиуæны.

Афтæма партийы  æмбарын кæнынц, цæмæй Руруайы  ссæрибар кæныны фарсты бавдисын   партиты æхсæн бадзырды, у расттæрхоны   политикон хифæкæныны   гуырымыхъхъ цæвитон.

«Нæ зæрдыл  дарæм уæвæг реалондзинад æмæ нæ партнерты ахаст, растдæр уый тыххæй  не сфиксир кæндзыстæм  нæ  критикон позици, кæд йын Гуырдзыстоны  президент ныххатыр кæндзæнис  уæд», –   дзырдæуы  фидиуæны.

Гуырдзиаг Бæллиццы  нымайынц, цæмæй  дыууæ æндæр цæугæ хъуыддагы – а.х. Хазарадзе-Джапаридзейы  æмæ  Н. Гварамиайы  хъуыддæгты, аргълæвæрд  хъуамæ уа тæрхондоны сферæйы  æхсæнадæмон  экспертты  хайадæй, цæмæй   рацух уа, фæнысангонд хъуыддæгты   политикон   скуыддзæгты  гæнæндзинад æмæ  сæ  аргълæвæрд уа  æрмæстдæр  барады стандарттæм гæсгæйæ.

«Уымæ гæсгæйæ, ома нæ къух бафыстам   Евроцæдисы эгидæйæ бавдыст  фыццаг документ дæр  æмæ цæттæдзинад  фиксир кæнæм   ранæуæггонд  документ æркæсынæн дæр –   ног документыл къхæвæрды фæстæ, не рдгæй  домæнты коррекцитæ нал уыдзæнис æмæ  разы не стæм цыфæнды  миниуджыты   бафтауынимæ.  Не рдгæй  домæнты фæдыл  бадзыр  уымæй  кæронмæ бацыд æмæ  курæг стæм оппозицийæ   бæрнон къахдзæфтæ саразæт» –   дзырдæуы  фидиуæны.

Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон  партитæн  ног документ  знон бавдыста.  Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы  бавдыст   ног  документмæ гæсгæйæ,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ,  кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты 43 проценттæй  къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.

Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ,   бадзырд бафыссынæй  иу къуыримæ,  фарсытæ  политизиргонд нымад  дыууæ  хъуыддаг  хъуамæ ногæй æркæсой.