«Гуырдзиаг Бæллицц» ЦÆК-мæ бавдыста Тбилисы мэртæм кандидаты, сакребулойы номхыгъд æмæ мажоритар депутаттæм кандидатты
Парти «Гуырдзиаг Бæллицц» ЦÆК-мæ бавдыста Тбилисы ммэртæм кандидаты, сакребулойы партион æмæ мажоритар депутаттæм кандидатты.
«Гуырдзиаг Бæллиццæй» Тбилисы мэртæм кандидат уыдзæн Каха Каладзе.
«Абон регистрацийы ауагъдтам уыцы кандидатты номхыгъд, кæцытæ тох кæндзысты хæдуынаффæйы æвзæрстыты. Ныфс нæ ис цæмæй æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм, уый æвдисæг у алы иртасæн, кæцыты парти уадзы алы горæты, сæрмагондæй та Тбилисы. Нæ нысан у, адæм рæзынад феной алы сыхы, фылдæр цард уа алы сыхы. Номхыгъды уæвæг уæнгтæ балæй æвзæрст уыдысты фыццаджы дæр, сæ процессионализмы, куыстауарзындзинады, намысджындзинады æмæ сæрмагонд горæты уарзондзинадмæ гæсгæйæ» – райхъусын кодта Леван Жоржолиани.