Гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы фæлварæны абитуриентты 94% бахъом сты минималон компетенцийы барьерыл ахизын
Фыццагон фæстиуджытæй, гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы фæлварæны, абитуриентты 94% фæтых сты минималон компетенцийы барьерыл. Фæлварæнты Националон Центр абон публикаци скодта æртæ фадыгы фыццагон фæстиуджытæ.
Гуырдзиаг æвзагæй дарддæр ма, публикацигонд афтæдæр æрцыд географи æмæ математикæйы фæстиуджытæ.
Фæлварæнты националон центры информацийæ, раззаг азимæ абаргæйæ, абитуриенттæн бирæ æнцондæр уыд математикæйы фæлварæн раттын, æмæ зæгъæн ис 80% минималон арæныл ахизын бахъом ис, зæгъæн ис 90%-ы онг та географийы.
Фæлварæнты Науионалон Центры дзурынц, цæмæй адон сты фыццагон бæрæггæнæнтæ, кæцы гæнæн ис аппеляцийы процессы фæстæ фæива.
«Абон публикацигонд æрцыд гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы фæстиуджытæ, афтæдæр географийы æмæ математикæ. Гуырдзиаг æвзаджы,раззаг азы фæстиуджытæ хуызæн фæстиуæг ис ацы аз дæр, уый зæгъæн ис географийы тыххæй дæр, математикæйы та ацы аз абитуриенттæн ферогдæр ис математикæйы минималон компетенцийы барьерыл фæтыхуын. Æдæппæт 35 минæй цъус фылдæр абитуриент фыстой экзамен гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйæ, уыдонæй 6%-ы онг нæ бахъом сты барьерыл фæтых уын. Хъуамæ загъдæуа, цæмæй ацы бæрæггæнæнтæ æкробæттæн не сты, уымæн æмæ нырма хъуамæ ацæуа аппеляцион проесс, баллты сæмбæрц кæныны процесс, уымæн æмæ цалдæр вариант уыд ацы фадгуыты, æмæ уырдгæй райцæугæйæ фæстиуджытæ гæнæн ис цъус фендæр уа. Аппеляцийы фæстæ сырæздзæн статистикон анализ дæр. Зæгъæн ис Географийы 90%, математикæйы та, барьерыл фæтых сты 80%» – райхъусын кодта аргълæвæрды æмæ фæлварнæты националон центры директоры хæдивæг Ива Миндадзе.
Абитуриенттæн фæстиуджытæ фенын сæ бон у online.naec.ge-ыл, кнæ цыбыр текстон арвитыны фæрцы. Къуырисæрæй та райдайдзæн æвзаргæ фадгуыты фæстиуджыты публикаци. Ац ы афонмæ публикацигонд у иуæймаг фæлтæрдты æмæ фæсарæйнаг æвзаджы фæстиуджытæ дæр.
Фæлварæнты националон центры дзурынц, цæмæй фыццагон бæрæггæнæнтæ аппеляцийы процессы фæстæ сбæрæг уыдзысты. Фæстиуджытыл бахъаст кæнын та, абитуриенттæн сæ бон бауыдзæн алы фадыгы фæстиуджыты публикацийы фæстæ.
Æппын фæстагмæ, цас абитуриент суыдзæн студентæй, уый фæбæрæг уыдзæн августы кæрон, аппеляциты фæстиуджытæ куы фæбæрæг уыдзысты уæд.