Гуырдызстоны парламентон æвзæрстытæ ног, 120/30 æвзарнæон системайæ цæуынц уагъд
Гуырдызстоны парламентон æвзæрстытæ ног, 120/30 æвзарнæон системайæ цæуынц уагъд
Æвзарæг дæсæм æрхуынды парламент цыппар азæй, хæццæ системайæ æвзары -120 депутат пропорцион æвзарæнон системайæ уыдзæн æвзæрст, 30 та мажоритарон.
30 мажоритарон æвзарæнон округæй аст сæйраг сахары, 22 –регионты масштабы.
Парламент 120/30 æвзарæнон моделы фæдыл конституцион ивæндзинæдтæ цæугæ азы, уалдзыгон сесийыл сбæлвырд кодта, кæцытæм гæсгæ, афтæ дæр партиты финансирдзинады уаг уыд каст, æвзарæнон барьер, кæцымæ гæсгæ парламентон фылдæры хай уыдзæн хицауады ног сконды дæр, парти кæнæ политикон блокъ, кæцы 40 % фылдæр райсдзæн.
Гуырдызстоны æвзарæнон системайы фæивды размæ уыд æстæм марты бадзырд, кæцы «Гуырдзийаг бæллиц» æмæ опозицион партиты æхсæн сырæзт. Бадзырдты хайад истой дипломативон корпусы бæрнонтæ дæр.