Гуры банысан кодтой фашизмыл уæлахиздзинады бон
Гуры банысан кодтой фашизмыл уæлахиздзинады бон

Гуры  фашызмыл уæлахиздзинады  бон  сбæрæгбон  кодтой. 9 майы  традционæй, сталинæгтæ  æмæ æндæр   организациты  минæвæрттæ, гуры, Сталины  мемориалон  хæдзары цур æрымбырд сты.  Сталины цыртыл дидингуытæ  сывæрдтой æмæ  æрымысыдысты  Дыккаг дунеон  хæст.

Афтæдæр абон, «Гуырдзыстоны  фæллойгæнджыты  политикон  организацийы», «Гуырдзыстоны æнæмæлгæ полкы» æмæ  организаци и «Хæлардзинад æмæ рæстагдзинады»  уæнгтæ Сталины  нывтимæ  æмæ плакаттимæ   митинг ауагъдтой.  Æрымбырдуæвджытæ  ноджы иу хатт æркуырдтой  Сталины  цырт сывæрын.

Быцæудзинад  уыд  æрымбырдуæвджыты  æхсæн, кæцытæ  плакатыл фыст  «Хæлардзинад æмæ рæстагдзинад» спротест кодтой æмæ  дзырдтой цæмæй   ацы плакат  уырдгæй ахæссын  хъуыдис.

«Алы аз  æмбырд кæнæм æмæ сæ  ном  ссарæм  уыцы адæймæгтæн, чидæриддæр хæсты  хæцыд. Сталин куы нæ уыдаит  ацы хæсты нæ фæуæлахиз уыдаиккам. Цалынмæ Сталины цырт  нæ рыздахдзыстæм, уæдмæ нын  ницы  хос ис.   Уæрæсеимæ   хъуамæ бацагурæм иумæйаг цæстæнгас. Милуанæй  фылдæр гуырдзиагы  Путины даоы  æмæ  бирæ хæдзармæ æфты  уырыссаг æхца. Уый тыххæй   Уæрæсеимæ  комкоммæ ныхас  хæъуы.  Ацы бон нысаниуæгджын  у æмæ  йæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм.  Нæ организацимæ иу кæнынц  Æнæмæлгæ полк æмæ   алы уыцы  вептеран  æмæ адæймаг, чидæриддæр Сталины сæ  зæрдыл дарынц» – загхта организаци  «Хæлардзинады æмæ Рæстагдзинады» уæнг  Зура Мезвришвили.