Гуры фашызмыл уæлахиздзинады бон сбæрæгбон кодтой. 9 майы традционæй, сталинæгтæ æмæ æндæр организациты минæвæрттæ, гуры, Сталины мемориалон хæдзары цур æрымбырд сты. Сталины цыртыл дидингуытæ сывæрдтой æмæ æрымысыдысты Дыккаг дунеон хæст.
Афтæдæр абон, «Гуырдзыстоны фæллойгæнджыты политикон организацийы», «Гуырдзыстоны æнæмæлгæ полкы» æмæ организаци и «Хæлардзинад æмæ рæстагдзинады» уæнгтæ Сталины нывтимæ æмæ плакаттимæ митинг ауагъдтой. Æрымбырдуæвджытæ ноджы иу хатт æркуырдтой Сталины цырт сывæрын.
Быцæудзинад уыд æрымбырдуæвджыты æхсæн, кæцытæ плакатыл фыст «Хæлардзинад æмæ рæстагдзинад» спротест кодтой æмæ дзырдтой цæмæй ацы плакат уырдгæй ахæссын хъуыдис.
«Алы аз æмбырд кæнæм æмæ сæ ном ссарæм уыцы адæймæгтæн, чидæриддæр хæсты хæцыд. Сталин куы нæ уыдаит ацы хæсты нæ фæуæлахиз уыдаиккам. Цалынмæ Сталины цырт нæ рыздахдзыстæм, уæдмæ нын ницы хос ис. Уæрæсеимæ хъуамæ бацагурæм иумæйаг цæстæнгас. Милуанæй фылдæр гуырдзиагы Путины даоы æмæ бирæ хæдзармæ æфты уырыссаг æхца. Уый тыххæй Уæрæсеимæ комкоммæ ныхас хæъуы. Ацы бон нысаниуæгджын у æмæ йæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм. Нæ организацимæ иу кæнынц Æнæмæлгæ полк æмæ алы уыцы вептеран æмæ адæймаг, чидæриддæр Сталины сæ зæрдыл дарынц» – загхта организаци «Хæлардзинады æмæ Рæстагдзинады» уæнг Зура Мезвришвили.