Гурджааны муниципалитеты фæндаггон фыдбылызы фæстиуæгæн фæмард æртæ адæймаг
Гурджааны муниципалитеты фæндаггон фыдбылызы фæстиуæгæн фæмард æртæ адæймаг

Гурджааны муниципалитеты автокатастрофæйы фæмард æртæ адæймаг, уыдонæй дыууæ æнахъом æмæ шофыр.

Цау Мелааны хъæуы æрæгмæ æхсæвы æрцыд.

Бынæттонтæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  сæмбæлды  фæстиуæгæн  «Хонда» хæдтулгæ фондз адæймагимæ афæлдæхт æмæ ссыгъд. Машинæйы бæлццæттæ уыдысты бынæттон цæрджытæ.

Дыууæ бæлццонæн бантыст судзгæ машинæйæ рахизын æмæ сæ тагъд медицинон æххуысы бригадæ рынчындонмæ фæхæццæ кодта.

Бынатыл уыдысты тагъд æххуысы, ирвæзынгæнæн службæйы æмæ пъæлицæйы экипажтæ.

Уагдоны куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хъуыддаг бæрæггонд цæуы уголовон кодексы 276-æм статьямæ гæсгæ, кæцы хауы фæндагон змæлды æдасдзинады кæнæ эксплуатацийы уагæвæрдты хæлдмæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ кæнæ фылдæр адæймаг.