«Гугл» 2018 азы июнæй криптовалютæйы реклама тобæ кæны
«Гугл»  2018 азы  июнæй  криптовалютæйы  реклама тобæ кæны

«Гугл»  2018 азы  июнæй  криптовалютæйы  реклама тобæ кæны.  Информацийы хæлиу кæны  фæсарæйнаг медиа.  Информацион  агентадты хъусинагæй,  компани  скуыддзаг райста цыппæрæмы  а.х.  «Æвзæр рекламæйы» æрвылазон  хыгъдлæвæрды  бадисыны  рæстæджы. «Æвзæр Рекламæйы»  политикæ  «Гуглы»  хызагæй   сайæг  рекламæты  схафын  дары йæ хъуыдйы.

«Мах нæ уынæм   кæцы æрдæм  гæнæр ис  ацæуа  криптовалютæйы  фидæн, фæлæ   нырид  фæфиппайдтам  æгъгъæд бæрцæй  пайдагæнджыты, кæцытæ зиан бавзæрстой  кæнæ та уый потенци, цæмæй  гæнæн ис  фидæны   райсой  ацы зиан. Уый тыххæй  дæр  ай у уыцы фарст,  кæцымæ гæсгæ тынг арæхстгай хъуамæ уæм» –  хъусын кæны   компани «Гуглы»   рекламæйы директор Скотт  Спенсер.

Бакой уын кæндзыстæм, цææмй ахæм  къахдзæф январы  ныридæгæн сарызта  социалон хызаг  «Фейсбук» æмæ   бамбарын кодта,  цæмæй  ахæм компанитæй  рекламæты ахæлиу хъуамæ  урæд  æрцæуа,  кæцыйы сæйраг нысан у  пайдагæнджыты фæрæдийын кæнын æмæ асайын.