Григорий Карасин - Прагæйы фембæлдтæй де-факто цæттæ кæнæм Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы лидерты фидæнон фембæлд
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин хъусын кæны, цæмæй Прагæйы Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар Зураб Абашидзеимæ фембæлдæй де-факто цæттæ кæны Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы лидерты фидæны фембæлд.
Фарстыл, æркастис æви нæ уырыссаг фарс Гуырдзыстоны президент Гиорги Магвелашвилийы фидиуæн æмæ Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы президентты фембæлды гæнæндзинад, Григорий Карасин райхъусын кодта:
«Ахæм фембæлд, ахæм бæрзонд æмвæзадыл у политикхон фæзынд. Ам Прагæйы фембæлдæй де-факто цæттæ кæнæм ахæм типы фембæлдтæ фидæнмæ. Кæд исты банхъарын нæ бон у дыууæ паддзахады лидертæн, цæй тыххæй æруынафффæ кæной фембæлды рæстæджы, уæд æцæгдæр сараздзыстæм уый, фæлæ нырма алцыппæт у у гипотетикъон» – банысан кодта Карасин.
Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили Уæрæсейы лидеримæ диалогы формæйы фæдыл фæныхас кодта 16 майы. «Кæддæриддæр иу фæзæгъын, цæмæй бæллын уыцы афонмæ, Уæрæсейы дидеримæ куы æрныхас кæндзыстæм, йæ имиджæй рацæугæйæ нæ фæлæ ма уыцы интерестæй рацæугæйæ, кæцытæ цыфæнды уæрæсейаг бинонтæм» – райхъусын кодта Гиорги Маргвелашвили.