Григорий Карасин - Хъыгаг у цæмæй Тбилис активонæй баст у Уæрæсейы «бауромыны» стратегийы
Мæскуыйы мæт кæнынц уымæй цæмæй Тбилис активонæй баст у Уæрæсейы «бауромыны» НАТО-йы стратегийы реализацийы процессы – уый фæдыл райхъусын кодта Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг.
Григорий Карасины ныхæстæм гæсгæ, АИШ-æ æмæ НАТО-йы æндæр уæнгты тыхархайд Гуырдзыстоны милитаризацимæ гæсгæ, регионы сæрмагонд мæтæфтауæг у.
«Хъыгаг у, цæмæй сыхæгтимæ ахастыты æрбиноныгы бæсты, Тбилис активонæй баст у Уæрæсейы «бауромыны» стратегийы. Ай та Гуырдзыстоны æдадсзинад кæй нæ фидар кæны уый бæрæг у» – банысан кодта Карасин.
Уæрæсейы фæсарæн хуыддæгты министры хæдивæг афтæдæр срæдыд, цæмæй Абхази æмæ Хуссар Ирыстон дæр, æнæфæсайгæйæ сты хъахъхъæд 2008-æм азы фæзындты сфæлхаттæй.