Григол Вашадзе - курæг дæн алы политикон партийæ, æнæаргъæвгæйæ ахæссæм процесс бадзырдты фынгмæ, адарддæр кæнæм тох алы æмвæзады закъонддæтæг органты трибунæйæ уынджы бæсты
Æнæмæнгыл нымайын, нæ страттегион партнертимæ иумæ кæрон скæнын ацы политикон кризис оппозицийы уæлахиздзинадæй æмæ парламенты фылдæрты хай æрымбырд кæнынæй, – хъусын кæны «Националон Змæлды» сæрдар Григол Вашадзе.
«Гуырдзыстон тынг тæссаг уавæры ис – бæрæг у цыппар иттæг уæззау быцæусидт – экономикон , социалон, политикон æмæ демографион. Уый æппæтмæ ма æфты коронавирусы контролæй рахизгæ дунеон эпидеми. \
Иурæстæгонæй, иттæг фæкарз ис æфсæддон-политикон уавæр нæ регионы.
Гуырдзыстоны та националон консолидацидзинады бæсты, лæууæм политикон процессы иттæг фæкарз кæныны раз, кæцы нæ тасæфтауæг тыгъдадæй фæцæйласы æмбæстагон быцæудзинад æмæ хаосмæ.
Кæд Гуырдзыстоны политикон спектр нæ рахатдзæн уæвæг тасы ас, уый, цæмæй кæцы æрдæм фæцæуы нæ паддзахад, йæ зæрдыл нæ бадардзæн æмбæстæгты абсолютон фылдæры хайы фæнд, йæ хъус не рдардзæн æнæхицауадон секторы амындтæм, æмæ уымæ, цæмæй нын цы æнхъарынц нæ æмцæдисонтæ йæ дипломативон минæварадты фæрцы, кæнæ та ивддзинæдты сифтонг кæнын демократон процессы сабырæй райтынгы фæндагæй, мах фæцух уыдзыстæм паддзахады стабилон æмæ æдас рæзынады фæндагмæ ракæныны шансæй.
Курæг дæн, алы политикон партитæй: æнæаргъæвгæйæ ахæссæм процесс бадзырдты фынгмæ, уынджы бæсты алы æмвæзады закъонддæтæг органты трибунæйæ дарддæр кæнæм тох æмæ алы политикон тыхы фæхонæм паддзахады арф кризисæй сласынæн.
Уый тыххæй та æнæмæнгхъæугæйыл нымайын, нæ стратегион партнертимæ иумæ кæронмæ бакæнæм даууаг фадгуыты ногæй бахыгъды æмæ тæрхондæтты оппозицийы хъастыты æркæсыны процесс, кæцы нын ратдзæн фадат кæронмæ бакæнæм политикон кризис оппозицийы минæвæртты рæстаг уæлахиздзинадæй æмæ парламенты фылдæры хай æрымбырд кæныны фæрцы.
ЦÆК-ы сæрдар йæ куыстæй йæхи хъуамæ суæгъд кæнæт.
Фидæны парламенты та хъуамæ сывзæрæт фæдæвзарæг комисси, кæцы бацахуыр кæндзæн халындзинæдтæ цæугæ æвзæрстыты, раргом кæндзæн аххосджынты æмæ сифтонг кæндзæн ахæм æвзарæнон системæйы æмæ æрдзы сæвзæрд, кæцы мыггагмæ ацух кæндзæн æвзæрстыты фалсьфикацийы æмæ æвзæрстгæнджыты хъæлæсты хибакæныны фадат.
Мах фыццаджы дæр стæм гуырдзиæгтæ, кæнæ та бирæ-этникон, религион кæнæ æндæр миниуджытæй хъауджы, фæлæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, æмæ æрмæстдæр уый фæстæ стæм политикон партиты уæнгтæ.
Фыццаг бынатыл лæууы фыдыбæстæ æмæ стæй политикæ æмæ партион интерестæ.
Саразæм æвзæрст фыдыбæстæйы æдас æмæ амондджын фидæны тыххæй.
Никæмæн ис бар, нæдæр хицауадæн, нæдæр оппозицийæн, йæ фидар аргументтæм æмæ протестмæ нæкæсгæ, бафидауа æнæконтрол процессты айцтынгимæ.
Фыццаджы дæр Гуырдзыстон!» – дзырдæуы Григол Вашадзейы фидиуæны.
Фæнысангонд фидиуæны публикаци кæны «Ньюпост». Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, «Националон Змæлды» пресс-куыстмæ адзырдта, цы ран банысан кодтой, цæмæй фидиуæн «Мæнг нæ уыдзæн» æмæ уæлæмхас деталтæ ацытæккæ бæрæг кæнынц.